Русские видео

Сейчас в тренде

Иностранные видео


Скачать с ютуб Адæмон кæфтыты ансамбль «Артар» рамбылдта æппæтадæмон фестивалы Гран-при в хорошем качестве

Адæмон кæфтыты ансамбль «Артар» рамбылдта æппæтадæмон фестивалы Гран-при 5 лет назад


Если кнопки скачивания не загрузились НАЖМИТЕ ЗДЕСЬ или обновите страницу
Если возникают проблемы со скачиванием, пожалуйста напишите в поддержку по адресу внизу страницы.
Спасибо за использование сервиса savevideohd.ru



Адæмон кæфтыты ансамбль «Артар» рамбылдта æппæтадæмон фестивалы Гран-при

Цæгат Ирыстоны ансамбль «Артар» сси Цæгат Каваказы Федералон Зылды Кубокы хицау. Сæхи æнтысджынæй равдыстой Уæрæсейы адæмон кæфтыты чемпионаты. Æдыппæтæй дзы ерыс кодтой 48 сфæлдыстадон къорды. Уæвгæ, ацы кафджыты ансамбьлы уæлахизты тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыстам. Уый дын Сочийы æппæтадæмон ерысты Гран-при, Санкт-Петербурджы Æппæтадæмон фестиваль «Балтийская Жемчужина» зæгъгæ, уæдæ «Уæрæсейы Иудзинад» æмæ «Уæрæсейы Æфсымæрдзинады» фестивальтæ. Алырдæм дæр сæрæн. Кафджыты къордыл кæд 4 азы йеддæмæ нæ цæуы, йæ архайджытæ та 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ сты, уæдддæр ныридæгæн коллектив æнæхъæн бæстæйыл æрзыл æмæ сын се сфæлдыстадæн стыр аргъ скодтой. Адæмы зæрдæтæ балхæдтой. Ныр дæр цы æнтыстдзинад сæ къухы бафтыд, ууыл не`рынцайдзысты, зæгъынц къорды разамонджытæ. Дарддæр дæр сæ аивад адæмы рæгъмæ хæсдзысты. Афтæ райдайынц адæмон кæфтыты дæнцæгæн хæссинаг ансамбль «Артар»-ы репетицитæ. Архайы дзы 500 сывæллонæй фылдæр. Кæд ансамблыл 4 азы æмæ рдæг йедтæмæ нæма цæуы, уæддæр ныридæгæн йæхицæн ном скодта канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма æгас бæстæйы дæр. Æрæджы та уæлахиздзаутæй сыздæхтысты Мæскуыйæ. Архайдтой дзы сывæллæтты æмæ æрыгæтты сфæлдыстады æппæтадæмон фестиваль-æркаст «Гом Европæ. Гом планетæ», зæгъгæ, номимæ. Цыдис 28-æм мартъийæ 30-æммæ. Фестивалы «Артар» рамбылдта Гран-при. Ирон кафджыты къорды ма суанг фæсарæнты фестивалы бацархайынмæ дæр ахуыдтой. Фестивалы архайдтой алы бæстæты минæвæрттæ - Македони, Израиль, Япони, Китай, Украинæ æмæ Белоруссийæ. Æрмæст кафæг къордтæ дзы уыдис 48. Уыдоны хсæн – номинаци «Хореографион сфæлдыстад»-ы ансамбль «Артар» æрмæст Гран-При нæ, фæлæ ма рамбылдта дыууæ фыццаг æмæ дыууæ дыккаг бынаты дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фестивалы æгас Кавказæй архайыны бар æрхауд æрмæстдæр ансамбль «Артар»-мæ. Ирон кафджыты къорд Мæскуыйы равдыстой 9 алыхуызон кафты. Се хсæн – симд. Уый æппæты тынгдæр фæцыд жюрийы уæнгты зæрдæмæ. Уымæй уæлдай ма, хохаг кафт, кæсгон, дагестайнаг, цæцæйнаг, абхазаг æмæ аджайраг кæфтытæ. Иудзырдæй, бафæлвæрдтой кавказаг кæфтытæ тæккæ `ххæстдæрæй равдисыныл. Жюрийы уæнгты зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты, æмæ æппæт архайджытæй æрмæстдæр «Артар»-æн радтой гала-концерты дыууæ кафты равдисыны бар. Ансамблы дипломтæ æмæ хæрзиуджытæ кæнынц фылдæрæй-фылдæр. Æрæджы ма рамбылдтой Цæгат Кавказы кубок Уæрæсейы чемпионаты адæмон кæфтытæй. 31-æм мартъийы та сын уыдис фыццаг хи сæрмагонд концерт Мæскуыйы. Ансамбль «Артар»-ы аивадон разамонæг Дзукъаты Аленæ архайы, цæмæй бынтон кæстæртæ дæр – 4-гай азтæ кæуыл цæуы, уыдон ирон аивадмæ æмхиц кæной æмæ сценæмæ рацæуынмæ арæхсой. Ансамбль «Артар» уыцы æнтыстдзинæдтыл не `рлæудзæн. Сæ размæ æвæрынц стыр хæстæ. Уыдонæн дæр та мах, æнæмæнг, уыдзыстæм æвдисæнтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv    / irystontv   twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Comments